7


  • Учителю
  • Конспект урока по теме Моекъуылтое фервоезын кодта

Конспект урока по теме Моекъуылтое фервоезын кодта

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала



Урочы темæ: «Мæкъуылтæ фервæзын кодта»



Урочы нысан:

1.Базонгæ кæнын скъоладзауты ног æрмæгимæ.

2.Дзырдуатон куыст бакæнын.

З.Ныхасы рæзтыл бакусын.

4.Аив,æмбаргæ кастыл бакусын.



Хъомыладон хæс:

1.Сывæллæтты зæрдæты гуырын кæнын уарзондзинад Райгуырæн зæхмæ.

2. Æхсæнадон исбон хъахъхъæнын кæй хъæуы, ууыл æрдзурын.



Урочы фæлгонц: чиныг, компьютер.





Урочы цыд:

1. Бацæттæгæнæн рæстæг.

Ахуыргæнæг: -Уæ бон хорз, сывæллæттæ æмæ нæм абон урокмæ чи сæмбæлд, уыцы уазджытæ.

Экраныл фыст урочы эпиграф ахуыргæнæг хъæрæй кæсы :

«Цæй æмæ куыстафон

Ма кæнæм æнцой.

Царды тынтæ уафон,

Царды бын-фæллой»

Ахуыргæнæг: - Сывæллæттæ, нæ ныхас хуымæтæджы нæ райдыдтон ацы ныхæстæй. Уыдон æнгом баст сты уæ хæдзармæ куысты æрмæгимæ дæр æмæ уæ цардимæ дæр.



2.Хæдзармæ куыст бæрæг кæнын.

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, хæдзармæ уын цы уыд лæвæрд?(Цæрукъаты Алыксандры фыст æмдзæвгæ «Бæркадджын фæззæг» сахуыр кæнын зæрдывæрдæй.)

Радыгай дзурынц æмдзæвгæ.

Ахуыргæнæг: -Сывæллæттæ, æрбакæсут-ма нывтæм æмæ зæгъут,æрдз куыд фæивы афæдзы афонтæм гæсгæ.

Ахуыргæнæг: -Зæгьут-ма, сывæллæттæ афæдзы афонтæй кæцы æрцыд æвдыст æмдзæвгæйы? (Фæззæг)

- Ранымайут-ма фæззæджы лæвæрттæ (Халсартæ, дыргьтæ)

- Уæдæ-ма ахъуыды кæнут æмæ зæгъут, фæззæг адæмæн цавæр стыр лæвар ракодта?(о, тынг раст дзуапп. 15-æм октябры 1859-æм азы Цæгат Ирыстоны Уæлладжыры комы Нары хъæуы райгуырд Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста).

- Сывæллæттæ, уæдæ-ма уæ зæрдыл æрлæууын кæнут Къостайы æмдзæвгæтæ æмæ зæгъут, нæ урочы цы темæйыл дзурæм, ахæм æмдзæвгæ йæм ис?(«Фæззæг»)

Ахуыргæнæг: - Сывæллæттæ хæдзармæ-ма уын лæвæрд уыд ссарын æмбисæндтæ фæззæг æмæ фæллойы тыххæй. (Скъоладзаутæ радыгай дзурынц æмбисæндтæ).

Ног æрмæгмæ рахизын.

Ахуыргæнæг: - Сывæллæттæ, зæгъут-ма, исчи уæ искуы фехъуыста, æхсæнадон исбон, зæгъгæ? Æхсæнадон исбон уырыссагау у «общественное имущество». Æхсæнадон исбонмæ хауынц скъолатæ, сывæллæтты рæвдауæндæттæ, заводтæ, фабриктæ, парктæ æмæ а.д. Ахъуыды-ма кæнут æмæ зæгъут, æхсæнадон исбон хъахъхъæнын хъæуы æви нæ хъæуы? (Хъахъхъæнын хъæуы æнæмæнгæй)

-Уæдæ,сывæллæттæ, нæ абоны урочы темæ баст у æхсæнадон исбонимæ.

Экраныл фыст урочы темæ.

Дзырдуатон куыст кæнын.

æхсæнадон исбон - общественное имущество

рæгъаугæс-хъом чи фæхизы ахæм адæймаг

сæрвæттæ-хъом кæм фæхизынц,ахæм бынат

саргъ-седло

идадз-дзылар,бæхы бос

фæсарц-барæджы фæстæ

мæкъуыл - амад хус хос (стог сена)

æфтауц-мæкъуылты бынат

цымыдисдзинад - любопытство

Дзырдтæ хъæргæй кæсын æмæ сын сæ нысаниуæг æмбарын кæнын.

Ахуыргæнæг: - Сывæллæттæ, æз уын ныртæккæ бакæсдзынæн текст, фæлæ уал сымах лæмбынæг байхъусут мæ фарстмæ æмæ мын тексты фæстæ дзуапп радтдзыстут.

-Кæй фæрцы фервæзтысты мæкъуылтæ?

Ахуыргæнæг кæсы текст аив лæмбынæг кастæй.

Скъоладзаутæ дзуапп дæттынц фарстæн. (Азæмæты руаджы фервæзтысты мæкъуылтæ).

Скъоладзауты каст радыгай. Фæрстытæ текстмæ гæсгæ.

-Цы куырдта Азæмæт йæ фыдæй?

-Дуртæ сæхи куыд фæнайынц?

-Куыд хуыссын кодта арт Дзатте?

-Чи æрбахæццæ фермæйæ?



Аулæфты рæстæг.



Тестытимæ куыст.

1. Цæмæй кусы Азæмæты фыд?

а) ахуыргæнæгæй

æ) рæгъаугæсæй

б) аразæгæй

2. Кæд сахуыр Азæмæт бæхыл бадын?

а) æрæгмæ

æ) фыццаг бон

б) тагъд

З. Цæй тыххæй фæхыл Азæмæт Заретæимæ?

а) альбомы тыххæй

æ) чиныджы тыххæй

б) хъазæны тыххæй

4. Цы скодтой сывæллæттæ холлагдоны цур?

а) митын дада

æ) арт

б) хæдзар

5. Цæмæ бакæсын фæндыд Азæмæты?

а) Сывæллæттæ куыд лидздзысты, уымæ

æ) Сывæллæттæ куыд хъаздзысты,уымæ

б) Сывæллæттæ куыд найдзысты сæхи, уымæ

6. Цæмæй фæтарстысты сывæллæттæ?

а) бирæгъæй

æ) мæкъуылтæй иу кæй ссыгъди,уымæй

б) уарынæй

7. Цы фелвæста Дзатте кауæй?

а) бандой

æ)уисой

б) ставд мих



Ссарын тексты вазыгджын дзырдтæ:

(Рæгъаугæс, цæугæдон, æнæсаргъ, хъæдрæбынтæм, холлагдон, хосдон, хъугдуцæг)



Хатдзæгтæ кæнын.



Хæдзармæ куыст раттын.

Текст «Мæкъуылтæ фервæзын кодта» хи ныхæстæй дзурын зонын.



Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.







 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал