7


  • Учителю
  • 7 класс. План-конспект урока. Тема: Нигер.

7 класс. План-конспект урока. Тема: Нигер.

Автор публикации:
Дата публикации:
Краткое описание:
предварительный просмотр материала

МБОУ «СОШ №2 с.Ногир Пригородный район РСО-Алания





Урочы пълан- конспект



7 кълас.

7 класс. План-конспект урока. Тема: Нигер.

Урок бацæттæ кодта

ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Бететы Е.Д.

Урочы темæ: Нигеры кадæг «Бадилон симд».

Урочы нысан:

1.Базонгœ кœнын сывœллœтты поэты царды хабœрттимœ

2.Скъоладзауты зœрдыл œрлœууын кœнын нœ рагисторийы царды хабœрттœ: чи уыдысты Бадилатœ, цавœр мыггœгтœ нымад уыдысты ирон уœздœттыл.

3.Литературœйы теори. Цы хонœм поэмœ?

Цæстуынгæ æрмæг: Нигеры портрет, йœ хуызистыты альбом, ирон

фǽндыр.

Урочы эпиграф:

«Мæ Ир, мæ уарзон бæстæ,

Дæ ном, дæ фарнмæ дзурын:

Бындурон уæнт дæ риуыл

Дæ байзæддаг, дæ хъæстæ! (Нигер).

Урочы цыд:

1.Организацион хай (2 мин.)

2.Ахуыргǽнǽджы ныхас:

Сывǽллǽттǽ, Нигеры царды хабǽрттǽ дзурыны размǽ уын бакǽсдзынǽн, зындгонд фысджытǽ поэты тыххǽй цы ныхǽстǽ загътой, уыдон.(радзурын Тыбылты Алыксандр, Джыккайты Шамилы хъуыдытǽ) .

Нигер фыссын райдыдта, Ǽрыдоны семинары куы ахуыр кодта, уǽд. Поэт куыста адǽмы фарнǽн ǽмǽ йǽ бон уыд фидарǽй зǽгъын:

Адǽм, дǽ фырт дǽн, дǽ хъǽбул дǽн ǽз,

Адǽм, дǽ туг ǽмǽ де стǽг дǽн ǽз.

Нигер кад кǽны лǽгдзинадǽн, фидар кǽны рǽстдзинад, карз тǽрхон хǽссы хǽлǽг ǽмǽ хǽрамǽн.

Абон нæ урочы темæ у «Дыууæ социалон къласы ахастдзинæдтæ Нигеры кадæг «Бадилон симд»-ы.

Адæм уарзон цæст дардтой нæ фыдæлты «фарнмæ», ирон æгъдæуттæм, зарджытæм, кæфтытæм, таурæгътæм, кадджытæм, фæлтæрæй-фæлтæрмæ сæ лæвæрдтой æмæ сæ бирæ æнусты сæрты æрхастой ныры дугмæ.

«Фарн» ирон адæммæ тынг вазыгджын, мидисджын дзырд у, æмæ йын ис егъау нысаниуæг.

Фарстатæ: Сываллæттæ, зæгъут-ма, цавæр арфæтæ у уæ бон зæгъын фарны тыххæй?

Сывæллæтты дзуæппытæ:

«Фарн фæцæуы фарны хæдзармæ», «фæрнæйдзаг у», «уæ фарн бирæ», «адæмы фарн бирæ у», «табу уæ фарнæн», «фыдæлты фарнæй цух ма ут», «фæрнджын у», «дунейы фарн уын æххуысгæнæг уæд», «дунейы фарны стæн», «фыдæлты фарн мæрдтæм нæ цæуы», æмæ а.д.

Сценкǽ фарны темǽйыл: Багаты И.

Наниты Р.

Фацбаймæ ахастдзинад:

Ирон лæг æгаддзинад йæ сæрмæ никуы хаста, кадимæ цæрын æмæ мæлын йæ уды бæллиц.

Ирон кафтыты ′хсæн диссагдæр у, йæ ном дардыл хъуыст кæмæн у, уыцы ирон «Симд»: - фыссы Дзадтиаты Уакка дæр. (Цæг Ир сгуыхт артист).

Уый ирон адæммæ фæзынд тынг раджы. Уæдæ Тугъанты М. дæр йæ нывты æвдисы нæ фыдæлты диссаджы кæфтытæ чи æххæст кодта, уыдонæн сæ конд æмæ сæ уæнгты айст. («Нарты симд Зилахары», «Нарты Сосланы кафт фынгыл»).

Бирæ хæттыты-иу хъазты рæстæджы сæ кæрæдзи нæ бамбæрстой, æмæ-иу туджы зæйтæ ахастой.

(Хъасты рæстæджы лæппу æнæнхъæладжы чызджы риу бацавта, æмæ уый асайдта тугкалд).

Нæ фыссджытæй дæр бирæтæ уыцы хабæрттæ ирдæй равдыстой сæ уацмысты, ахæмтæ сты:

  1. Коцойты А. радзырд: «Фынддæс азы».

  2. Уæдæ Хетæгкаты К. дæр фæстæ нæ баззадис. Аивæй равдыста ирон «симд» йæ кадæг «Хетǽджы»:

Дунейы чызджытæ симды лæууыдысты

Гъе, уæддæр дзыллæтæ иууылдæр кастысты

Зæронд Солтаны чызджытæм æдзухдæр...



  1. Нигеры кадæг «Бадилон симд». Нигер йæ поэмæйы æвдисы зæронд заманы ирон адæмы социалон дихдзинæдтæ.

Нигер, куыд лирикон герой, поэмæйы æвдисы йæ цæстæнгас æлдæрттæм дæр æмæ кусæг къласмæ дæр, æвдисы йе нæуынондзинад бонджынтæм, æмæ йæ уарзондзинад мæгуыртæм.

Фыссæг Фацбайы бары сагыл, Хъуыбадты фæсивæды та, бары куыйты агъуыд балыл (æрра куыйтыл).

Хъуыбадты æххуырстытæ куывды бон фыдæбон кæнынц, кусынц, лæггад кæнынц.

  1. Хъанцай фæлладхуызæй дон æрбахæссы.

  2. Тазе йæ цæнгтæ сисын нал фæразы, афтæмæй суг сæтты.

  3. Гæстæн арт кæны, фыр фæлладæй йæ бон нал у.

  4. Фацбай кусарт кæны, бафæллад.

Фæндыры цагъд куы айхъуыстой, уæд сæ фæллад айрох ис.

Кæд мæгуыр дуг уыдис, уæддæр адæм хъæлдзæгдæр уыдысты.

Хъуыбадты афицер сæ куыдзы хъазтмæ æрбакодта.

Зæлиханы дари къабайыл куыдз йæ къæхтæ рхафы, фæлæ йыл уæддæр цинтæ кæны.

Уый хæдфæдыл хъастмæ æрбацыд Фацбай, фæлæ йын куыдзы кад дæр нæй.

Кадæджы лирикон фæзилæн æмæ сюжет:

«Æлдар æмæ æххуырстæн сæ фæндаг иу нæу, иумæйаг сын ницы ис».

Фацбайы æвирхъау мард.

Хъал Залихан æнæрвæссон кафт кодта, йæ бырынкъ зулмæ хаста. Фацбай ныфсæрмы, æгад æркаст йæхимæ.

Ныууагъта Залиханы кафгæ. Уæздæттæ уый банымадтой æфхæрдыл.

Хъуыбадты карздзинад:

Куыйты æрдонг, саджы куыд ныттыдтой, афтæ раст лæбурынц, бырсынц, Фацбайы марынмæ.

Куы йæ ныммардтой, уæд ма йын сæ чызг Зæлихан йæ къахæй йæ риуыл ныллæууыдис.

Саджы тыххæй æмбисонд:

(аивадон развæлгъау, художественное претворение)

Раст хатдзæг скодта Джыккайты Ш. «Æмбисондæн - поэмæйы ис егъау ахадындзинад.

Тыхджындæр кæны архайды драматизм, арфдæрæй æвдисы иунæджы хъысмæты трагизм къласон æхсæнады.

Раттын сæм фарстатæ:

− Сывæллæттæ, зæгъут-ма уæдæ, цавæр æмбисæндтæ зонут мæгуыр æмæ бонджыны тыххæй?

Сывæллæтты дзуæппытæ:

  1. Авд хохы æдде фыдбылыз куы фæзыны, уæддæр йе стъæлфæн мæгуыр лæджы бæрзæйыл абады.

  2. Мæгуыр лæг бæндæны гæбазæй уæлдай нæу, нæ иуырдæм æххæссы, нæ - иннæрдæм.

− Зæгъут-ма, сывæллæттæ, куыд сын æмбарут сæ хъуыды та?

Бакǽсын поэмǽ хайгай.

Ǽрмǽг фǽрстытǽй ныффидар кǽнын.

Хатдзæгтǽ скæнын:

Уыцы дуджы тыххæй (рев. размæ) Плиты Харитон дæр фыста:

«Уый тар дуг уыд, мæлинаг дуг, ныссæфт;

нæ къæхты бын ныммур».

Скуыддзаг сын бакæсын кадæгæй.

Фæндыры цагъд.(Мǽхǽдǽг цǽгъдын фǽндырǽй «Симд»).

  1. Хатдзæгтæ скæнын:

Зæгъут-ма мын, сывæллæттæ, цавæр дыууæ социалон къласы дихдзинæдтæ базыдтат Нигеры поэмæ «Бадилон симд»-æй?

Сывæллæтты дзуæппытæ...

Ахуыргæнæджы кæронбæттæн ныхас:

Фарны ныхæстæй райдыдтам нæ урок, æмæ мæ фæуын дæр фæнды уыцы ныхæстæй «Фæрнæйдзаг ут уе′ппæт дæр».

Фæнды ма мæ зæгъын, цæмæй æппынæдзух уæ зæрдæтæ агурой кафын, зарын æмæ хъæлдзæгдзинад, æнкъард цæстæнгасæй хызт ут уе′ппæт дæр.



Хæдзармæ куыст сын раттын:

Поэмæ «Бадилон симд» аив кæсынмæ, скъуыддзаг найзусть.

7 класс. План-конспект урока. Тема: Нигер. Поэмœйы мидисмœ гœсгœ нывтœ саразын.







 
 
X

Чтобы скачать данный файл, порекомендуйте его своим друзьям в любой соц. сети.

После этого кнопка ЗАГРУЗКИ станет активной!

Кнопки рекомендации:

загрузить материал